Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны мадзал абон ацыд Дзæуджыхъæуы 4-æм гимназы . Ам райсомæй фæстæмæ алцыдæр уыд бæрæгбонхуыз. Арфæтæ, æхсызгон ныхæстæ. Сæйрагдæр та – мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Ацы ахуыргæнæндоны йæ сывӕллӕттӕн уарзын кæнынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Уыдоны хъæппæрисæй скъоладзаутæ бацæттæ кодтой кæфтытæ æмæ зарджытæ мадæлон æвзагыл, аив бакастысты æмдзæвгæтæ.
Ирон æвзаг парахат кæнын, æмæ йæ райрæзты тыххæй скъоладзаутæн радзырдта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гасситы Фатимæ. Сывæллæттæн радзырдта ирон традицитæ æмæ æгъдæутты тыххæй.
Куыд æрвылаз, афта абон дæр республикæйы хицауады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, ахуырдзаутæ ирон аргъуаны пантеоны дидинджытæ сæвæрдтой поэт, публицист Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæныл. Мадзалы архайджыты ‘хсæн нæ гимназы ахуыргæнинæгтæ дæр.
#4гимназия
#Деньосетинскогоязыка
#ГодПедагога2023
#ГодНаставника2023